a2b2.ru
А2Б2 - Образовательный портал
Новости образования от A2B2

Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.

Автор: Кантемирова Заира Эвриковна Опубликовано: 2015-09-26 18:41:39
Темæ: Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у. (Грамматикон темæ: Иумæйаг æмæ сæрмагонд номдартæ). Урочы нысан: - сфæлхат кæнын рацыд æрмæг номдарæй; -бамбарын кæнын сывæллæттæн иумæйаг æмæ сæрмагонд номдарты æмбарынад; -æрдзурын сæрмагонд номдарты растфыссынадыл; - гуырын æмæ фидар кæнын сывæллæттæм уарзондзинады æнкъарæнтæ Райгуырæн бæстæм. Урочы фæлгонц: техникон фæрæзтæ, слайдтæ базон-базонтимæ, Ирыстоны рæсугъддæр æрдзон бынæттимæ, ахуыргæнæн чингуытæ. Урочы эпиграф: «…Фæлæ уæддæр, Ныййарæг зæхх, Дæуæн æмбал кæм и! Дæуæй зæрдæйæн адджындæр, Зæгъ-ма мын , чи у, чи?» (Кочысаты М). Урочы цыд: 1. Бацæттæгæнæн хай. 2.Зонындзинæдты актуализации. А) Фронталон æрфарст. -Сывæллæттæ, нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цæуыл ныхас кодтам фæстаг урочы? -Цы у номдар? -Ранымайут-ма йын йæ грамматикон миниуджытæ. Æ) Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст Б)- Бакæсæм-ма æмбæлгæ хъæлæсы уагæй нæ урочы эпиграф. - Чи мын зæгъдзæн, кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? -Бамбарын –ма кæнут эпиграфы хъуыды. -Куыд уæм кæсы, нæ урочы темæ эпиграфимæ æнгом баст сты? - Цæмæн барынц Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад ныййарæг мады уарзондзинадимæ? Ахуыргæнæджы раныхас (æвдыст цæуынц слайдтæ Ирыстоны рæсугъддæр бынæттимæ): Нæ фыдæлты зæхх-Ирыстон бæллиццаг уыди æмæ абон дæр у йæ æрдзон рæсугъддзинадæй. Хохæй-быдырмæ, быдырæй-хохмæ Ирыстоны иунæг зæххы гæбаз æнæхъуаджы не ссардзынæ. Бæрзонд урссæр хæхтæ æмæ цъæхзæлдаг дæлвæзтæ кæрæдзиуыл хæцынц, цыма нæртон симды бацыдысты. Æнусон цъититæ уæлвонгæй æрттивынц, уазал дæттæ æмæ æхсæрдзæнтæ кæрæдзийы хынцгæ зарынц æмæ хъырнынц. Бæстæ райы алыхуызон зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæй, хихджын æмæ сыфтæрджын хъæдтæ сусæны бæхтæу сæ сæртæ кæрæдзимæ тилынц. Алы комы дæр æвдадзы хосæн цалдæр суары. Ирыстонæн йæ хæзнатæ-алыхуызон æрзæттæ. Уæдæ куыннæ у бæллиццаг Ирыстон йæ рæсугъддзинадæй?!. Зæрдæ йæм фехсайы, зæрдæ йæм фæласы йæхи. - Эпиграфæй номдартæ рафыссут æмæ сын сбæрæг кæнут сæ хауæнтæ æмæ нымæц. 3) Ног æрмæг ( амынд цæуы лингвистикон аргъауы хуызы). Ахуыргæнæг æмбæлгæ хъæлæсы уагæй кæсы аргъау. Лингвистикон аргъау. Морфологоийы алæмæты бæстæйы цардысты номдартæ. Уыдон ахæм æмхуызон уыдысты , æмæ сæ уыцы бæстæйы иннæ цæрджытæ кодтой хæццæ. Æмхуызон та уыдысты цы асæй, цы æддаг бакастæй. Дзæвгар рæстæг хæццæ кодтой номдарты. Уыцы æмтъерыйы хъуыддæгтæм нал уыд Морфологийы бон кæсын æмæ сфæнд кодта æмхуызон номдартæн раттын нæмттæ . Алкæмæн дæр куыд уа йæхи сæрмагонд ном. Зæгъæм: чызг Алинæ, лæппу Алан, газет «Ирæф»,цæугæдон Терк, хъæу Дæргъæвс… Уыцы номдартæ иннæтæй уæлдай æвæрд æрцыдысты бæрзонддæр къæпхæныл æмæ иумæйаг номдарты сæрты сæрыстырæй кастысты. Уæдæй фæстæмæ сæрмагонд номдартæ фыст цæуынц стыр дамгъæйæ. - Уæдæ цавæр 2 къордыл адих кодта Морфологи номдартæ? -Адарддæр кæнут мæ хъуыды. Сæрмагонд номдартæм хаст цæуынц…. Сæрмагонд номдартæ фыст цæуынц…. -Сывæллæттæ, ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут,цы уыдаид , нæ ныхасы сæрмагонд номдартæ куы нæ уыдаид, уæд? Æ) Бакусын , чиныджы цы теоретикон æрмæг ис,уыимæ. Б) Интерактивон фæйнæгæй æвдыст цæуынц слайдтæ базон-базонтимæ ( сæ дзуæппытæ(сæрмагонд номдартæ) фыст цæуынц тетрæдты. Зæгъæм: 1. Ай цы ран хонынц , зæххон? Цъитийы бын рафыхт дон.(ХЪæрмæдон) 2.Ма бакъуыр дæ сæрæй мæй, Ацы хъæу та хуыйны …(Цъæй) æ.а.д. В) Æрмæг ныффидар кæнынæн баххæст кæнын: 335-æм фæлтæрæн (дзургæйæ) 336-æм фæлтæрæн( фысгæйæ). 4. Урокæн хатдзæгтæ скæнын фронталон æрфарсты хуызы. 5.Хæдзармæ куыст. $51. 334-æм фæлтæрæн. (Бамбарын кæнын сывæллæттæн, куыд æххæстгæнгæ у фæлтæрыны хæслæвæрд).

Оставить комментарий: