a2b2.ru
А2Б2 - Образовательный портал
Новости образования от A2B2

Бæрæггæнæн.(8-æм кълас).

Автор: Кантемирова Заира Эвриковна Опубликовано: 2015-09-26 19:03:30

Документы для скачивания

Урочы ныхасы темæ: Стæм дзы сæрыстыр. (Грамматикон темæ: Бæрæггæнæн). Урочы нысан: -сфæлхат кæнын сывæллæттимæ рацыд æрмæг хъуыдыйад æмæ дзырдбастæй; -бацамонын сын , цы у бæрæггæнæн,цавæр ныхасы хæйттæй загъд æрцæуы хъуыдыйады мидæг; -ныффидар кæнын сывæллæтты орфографион зонындзинæдтæ(бакусын дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынадыл); -гуырын сæм кæнын сæрыстырдзинад æмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадмæ; -ахуырдзаутæн бацамонын ,куыд арæзт цæуынц презентацитæ, уый. Урочы хуыз: Интегративон( ирон æвзаг, ирон литературæ, нывгæнынад, информатикæ). Урочы фæлгонц: Интерактивон фæйнæг, компютертæ, Къостайы æмдзæвгæтæй ист скъцыддзæгтæ(«Хъуыбады», «Мæгуыры зæрдæ», «Памяти П.И. Чайковского»), ахуыргæнæн чингуытæ. Урочы цыд: 1. Бацæттæгæнæн хай. (Сывæллæттæ, нæ абоны урочы мах хъуамæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цæуыл ныхас кодтам ай размæйы урочы, бакусдзыстæм дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынадыл, æрдзурдзыстæм æмæ базонгæ уыдзыстæм ног хъуыдыйады уæнг бæрæггæнæнимæ, æркæсдзыстæм, хъуыдыйады мидæг арæхдæр цавæр ныхасы хайæ загъд æрцæуы, уымæ, æмæ уын бацамондзынæн куыд арæзт цæуынц презентацитæ. Гъе ахæм у хæрз цыбырæй нæ абоны куысты фæтк). 2. Зонындзинæты актуализации: А) Фронталон æрфарст рацыд æрмæгæй. 1. Сывæллæттæ, нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цавæр æвзагзонынады хай райдыдтам ахуыр кæнын?(Синтаксис). 2. Цы у синтаксис , цы ахуыр кæны?(Синтаксис у ахæм æвзагзонынады хай, кæцы ахуыр кæны дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты арæзт). 3.Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цы у хъуыдыйад? (Хъуыдыйад у æххæст хъуыды æвдисæг дзырд кæнæ дзырдты къорд) 4. Цы хонæм мах хъуыдыйады уæнгтæ?( Хъуыдыйады мидæг фарстæн дзуыапп цы дзырд кæнæ дзырдты къорд дæттой, уыдон хуыйнынц хъуыдыйады уæнгтæ) 5. Цавæр къордтыл дих кæнынц хъуыдыйады уæнгтæ? (Хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц сæйраг æмæ фæрссаг). 6.Цавæр уæнгтæ хаст цæуынц хъуыдыйады сæйраг уæнгтæм?(Сæйрат æмæ зæгъинаг). 7. Цы у сæйрат? (Сæйрат у хъуыдыйады мидæг ныххас кæуыл , кæнæ цæуыл фæцæуы, уый æвдисæг дзырд æмæ домы фарстатæ чи? цы?). 8. Цы у зæгъинаг? (Зæгъинаг у…..) 9. Цавæр хъуыдыйады уæнгыл цыд ныхас ай размæйы урочы? (Æххæстгæнæныл. Уый у хъуыдыйады фæрссаг уæнг, кæцы дзуапп дæтты хауæнты фарстатæн æмæ баст вæййы зæгъинаджы къордимæ). Æ) Сывæллæттæ æххæст кæнынц орфографион тренажёр. Сывæллæттæ, нæ алы урок цæмæй райдайæм?(Æмбарынгæнæн диктантæй) Тынг раст , алы урочы дæр практикон æгъауæй ныффидар кæнæм иу кæнæ иннæ орфографион æгъдау. Абоны урочы ацы куысты хуыз баххæст кæндзыстæм интерктивон тренажёры хуызы). 3. Ног æрмæг. Фæйнæгыл æвдыст цæуы слайд 1 Бæрзонд урс хæхтæ, Æнкъард къæдзæхтæ, Æгомыг бæлас Фыййауы уарзынц Æмæ йын зарынц Сæ сусæг ныхас. - Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ æмæ чи у сæ автор?(Ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæ ист сты Хетæгкаты Къостайы уацмыс «ХЪуыбады»-йæ). - Нысангонд дзырдтæ ма бахах кæнут уылæнтæгонд хаххæй æмæ зæгъут,цавæр фарстайæн дзуапп дæттынц?(Бæрæггонд дзырдтæ дзуапп дæттынц фарстатæн цавæр? Цы хуызæн?) - Цавæр ныхасы хайæ загъд æрцыдысты? (Миногонтæй). - Бакæсæм-ма ацы скъуыддзаг æнæ бæрæггонд дзырдтæй æмæ сын сбæрæг кæнæм сæ нысаниуæг тексты мидæг. (Сывæллæттæ барынц дыууæ тексты кæрæдзиимæ æмæ æрцæуынц хатдзæгмæ,бæрæггонд дзырдтæ тексты æвзаг рæсугъддæр , фæлгонцджындæр æмæ сурæтджындæр кæй кæнынц). - Кæцы дзырдтæй сæм дæттæм фарстатæ, ома хъудыйады мидæг цавæр дзырдтимæ баст сты? (Хæхтæ, къæдзæхтæ, бæлас , ныхас). -Рафыссæм-ма сæ æмæ сæ равзарæм дзырдбаст æвзарыны фæткмæ гæсгæ. цавæр? Урс хæхтæ –Миногон+номдар (æфтыдад). -Куыд уæм кæсы, нысангонд дзырдтæ ис схонæн бæрæггæнæнтæ? Цæмæн?(Ацы дзырдтæ ис схонæн бæрæггæнæнтæ, уымæн æмæ бæрæг кæнынц предметы миниуæг). Фæйнæгыл æвдыст цæуы слайд 2. « ..Йæ зæрдæ хъал вæйййы фынтæй». -Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ æмæ чи у сæ автор? (Хетæгкаты Къоста «Мæгуыры зæрдæ»). -Равзарут –ма йæ синтаксисон æгъдауæй. -Рафыссут бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдимæ æмæ сæ равзарут дзырдбаст æвзарыны фæткмæ гæсгæ. Кæй? Йæ зæрдæ – номивæг+номдар (æмарæзт). Куыд уынæм, афтæмæй бæрæггæнæн хъуыдыйады мидæг баст цæуы бæрæггæнинаг дзырдимæ æрмæст æфтыдыды руаджы нæ, фæлæ ма æмарæзты руаджы дæр). - Сывæллæттæ , иумæйагæй-ма бафæлварæм саразын раиртæст цы у бæрæггæнæнæн æмæ йæ абарæм, чиныджы цы раиртæст ис , уыимæ. Æ) Бакусын , чиныджы цы теоретикон æрмæг ис , уыимæ. Б) Н/Р Фæйнæгыл æвдыст цæуы слайд 3. -сывæллæттæ , лæмбынæг æркæсут æмæ зæгъут, цавæр дзырдты лексикон нысаниуæг уын нæу æмбæрстгонд? (Станкон æмæ фрескон). Дзырдуат(Слайд «Дзырдуат»)-сывæллæттæн æмбæрстгонд цæуынц дзырдты лексикон нысаниуджытæ. Сывæллæттæ куы баххæст кæной хæслæвæрд, уæд тетрæдты фыссынц фыццаг хъуыдыйад (Къоста у фыццаг ирон нывгæнæг) æмæ йæ æвзарынц синтаксисон æгъдауæй. Ахуыргæнæджы раныхас: Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй Къоста канд ирон литературæйы бындурæвæрæг нæу, фæлæ ма нымад цæуы фыццаг ирон нывгæнæгыл. Уымæй уæлдай Къоста тынг уарзта класикон музыкæ. Йæ зæрдæйы сæрмагонд бынат бацахстой зындгонд уырыссаг композитортæ Чайковский æмæ Глинкæйы сфæлдыстад. Уымæн æвдисæн у, Къоста хи уды хъæппæрисæй Чайковскийы мысæн изæр кæй сарæзта æмæ йын сæрмагондæй номарæн æмдзæвгæ кæй снывонд кодта, уый. Хуыйны «Памяти П.И. Чайковского» Æвдыст цæуы слайдыл скъуыддзаг æмдзæвгæйæ «Разбита стройная, чарующая лира, Повержен жертвенник, разрушен пышный храм,- Навеки улетел «соловушка» от мира В страну далёкую, к далёким небесам» (Куыд уынæм, афтæмæй фыссæг ацы рæнхъыты равдыста йæ зæрдæйы æрхæндæгдзинад ,композитор йæ дунейы цардæй кæй ахицæн уыимæ йын йе сфæлдыстад нымайы табуйагыл) - Ссарут-ма тексты бæрæггæнæнтæ.(Стройная, чарующая,далёкую , далёким). Ах-ы раныхас: Хетæгкаты Къоста йæ æрдзон курдиаты руаджы(мах та зонæм, æрдзон курдиат суадонау дурты цæнды бын куы ныккæнай, уæддæр ын æнæсыгуыргæ нæй) æгас дуне йæхимæ разылдта æмæ йæ уацары бакодта дунейы æппæт адæмты. Гъе уымæ гæсгæ абон махæн барджынæй нæ бон у зæгъын: «Стæм дзы сæрыстыр!». В) Практикон куыст. (Сывæллæттæн æвдыст цæуы, куыд арæзт цæуы презентации . 4. Урокæн скæнын хатдзæгтæ. Кæронмæ ахæццæ кæнут хъуыдыйæдтæ: 1. Абоны урочы мах ныхас кодтам…… 2. Бæрæггæнæн у…. 3. Хъуыдыйады мидæг бæрæггæнæн кæддæриддæр фæлæууы… 4. Бæрæггæнæн арæхдæр загъд æрцæуы …. 5. Бæрæггæнæн бæрæггæнинаг дзырдимæ баст цæуынц … 6. Хæдзармæ куыст. $12 , Скæнын презентации «Бæрæггæнæн»,

Оставить комментарий: