a2b2.ru
А2Б2 - Образовательный портал
Новости образования от A2B2

Номдар

Автор: Кантемирова Заира Эвриковна Опубликовано: 2016-04-10 21:28:54

Документы для скачивания

                                                                    Темæ:  Номдар(5-æм къласы рацыд æрмæг фæлхат кæнын)

                                         Ныхасы темæ: Фыдыбæстæ ныййарæг мадау адджын у

 

Урочы нысантæ:

- сывæллæтты зæрдыл æрлæууын  æмæ ныффидар кæнын рацыд  æрмæг  номдарæй;

-бакусын орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтытыл;

-бакусын ныхасы рæзтыл;

-фæарфдæр кæнын уарзондзинады æнкъарæнтæ Райгуырæн бæстæмæ.

                                                                                        Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн хай.

                                                                        Ирмæ рагæй буц у уазæг.

                                                                        Уазæг-фысымы цин,уарзт.

                                                                  Райс хъæугææрмæг дæхицæн,

                                                                  Цу мæм алыбон æгас.

- Сывæллæттæ, тынг æхсызгон мын у, уæ цæсгæмттыл мидбылты худт кæй хъазы, уый. Гуырысхойаг нæу, урочы кæрон ахæм райдзаст, зæрдæмæдзæугæ æнкъарæнтимæ кæй ахиздзыстут,уый. Уый тыххæй та уæ хъæуы райсын цавæр бæрæггæнæнтæ?( «5»)

-Цæмæй уæ куыстæн æмбæлгæ æмвæзадыл аргъгонд æрцæуа, уый тыххæй та уæ хъæуы……..(Дысвæлдæхтæй, активонæй  бацархайын урочы, лæмбынæг хъусын ахуыргæнæгмæ).

! Уæ тетрæдты афыссут абоны нымæц.

  1.  !Раттут базон-базонæн дзуапп.

Дæн сæрыстыр æз мæхицæй.

Цæрын æмбæлттимææнгом

Бирæ хæстæ химæ исын.

Æвдисын предметæн йæ ном.

                                                                                                       (Номдар)

 

- Сывæллæттæ, уæдæ нæ абоны урочы темæ цавæр у,цæуыл ныхас кæндзыстæм?

  1. Зонындзинæдты актуализаци

-Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цы у номдар, цы нысан кæны?

 

! Бамбарын кæнут нысангонд орфограммæтæ.

! Равзарут базон – базоныдзуапп  фонетикон æгъдауæй æмæ дзырды хæйттæм гæсгæ.

! Хъазт «Къæпхæнтæ»    ( Кæцы къорд тагъддæр æрхиздзæн къæпхæнтæй)-сывæллæттæн райуарын рагагъоммæ цæттæгонд  карточкæтæ

 

х

 

 

х

 

 

 

х

 

 

 

Ныффыссут дзы номдартæ иууон нымæцы.

!  Н/Р. Лæвæрд  дамгъæты къордтæй саразут дзырдтæ, дзырдтæй та хъуыдыйæдтæ.(на слайде)

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Райгуырæн бæстæ ныййарæг мадау адджын у.

-Бамбарын кæнут æмбисонды нысаниуæг.

-Цавæр æмбисæндтæ мА зонут Райгуырæн бæстæйы тыххæй?

-Сымæхæн та цæмæй у зынаргъ уæ райгуырæн бæстæ?

!  Равзарут хъуыдыйад  синтаксисон æгъдауæй, ссарут дзы номдартææмæ зæгъут, кæцы хауæнты æрцыдысты æвæрд,уый.

- Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цал хауæны ис ирон æвзаджы?

_Уырыссаг æвзаджы та цал сты?

124-æм  фæлтæрæн (дзургæйæ)- рæстæг куыд амона, уымæ гæсгæ.

 

! Байхъусут-ма лæмбынæг лингвистикон аргъаумæ æмæ зæгъут, цавæр номдартыл цæуы ныхас аргъауы?

      Морфологийы алæмæты бæстæйы цардысты номдартæ.Уыдон ахæм æмхуызон уыдысты, æмæ сæ уыцы бæстæйы иннæ цæрджытæ кодтой хæццæ.*Æмхуызон та уыдысты цы асæй, цы æддаг бакастæй. Дзæвгар рæстæг хæццæ кодтой номдарты. Уыцы æмтъерыйы хъуыддæгтæм нал уыд Морфологийы бон кæсын æмæ сфнд кодта æмхуызон номдартæн раттын нæмттæ. Алкæмæн дæр куыд уа йæхи сæрмагонд ном. Зæгъæм, чызг Алинæ, лæппу Алан,газет «Ирæф» æ.а.д. Уыцы номдартæ æвæрд æрцыдысты бæрзонддæр къæпхæныл æмæ иннæ номдарты сæрты сæрыстырæй кастысты,уымæн æмæ фыст æрцыдысты стыр дамгъæтæй.

 

-Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, цавæр номдартæ хонæм сæрмагонд æмæ иумæйаг?.

!  Баххæст кæнут æмдзæвгæйы рæнхъытæ цухгонд дзырдтæй хъуыдымæ гæсгæ(слайдыл)

 

Рæсугъд  æрдзы  хъæбысы-

Мæ райгуырæн________________

Тæхуды йæм  æнусты

Дæ цæсты___________фæкæс.

Йæ рахиз фарс ___________

Хъæргæнгæ уай___________

Уымæн та, мæ хæлар,

________хуыйны йæ ном

 

! Æмдзæвгæйæ рафыссут сæрмагонд номдартæ

(Дæргъæвс.  Æрæф.)

!  121-æм фæлтæрæны  хæслæвæрд  дихгонд цæуы 2 къордыл: 1-фыссынц бæстæты,хъæуты, адæймаджы нæмттæ; 2- газетæ æмæ журналты нæмттæ.(æрдзурын сæ растфыссынадыл)

 

 

!  Бамбарын кæнут лæвæрд дзырдты лексикон нысаниуджытæ.

Чиныг

Æмбалад

пъалто

зындзинад

Хæдзар

 

 

-Кæцытæ сæ ис ахæссæн конкретон номдартæм? Цæмæн?(Уымæн æмæ сæ нæ бон фенын æмæ уырзæй басгарын дæр у. Иннæ номдартæ та сты иппæрдон кæнæ абстрактон –сæ нысаниуæг сын хъыдыйы фæрцы æнкъарæм).

!  Конкретон æмæ абстрактон номдарты æмбарынад ныффидар кæнын 125-æм фæлтæрæн æй (фарс46)

Абоны урочы мах ныхас кодтам…

Номдар у….

Номдары грамматикон æууæлтæм хаст цæуынц….

Æппæтæй тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд ахæм куысты хуыз, куыд  …

Мæ зæрдæмæ нæ фæцыд….

Зынгомау мын уыд ацы урочы …

4 .Хæдзармæ куыст: Пар 12,     

        сдзурын кæнут  æгомыг таблицæ.(хибарæй аразынц кластер)

Ныхасы хай

Нысан кæны

Дзуапп дæтты фарстатæн

Номдарты хуызтæ

Грамматикон æууæлтæ

Синтаксисон функци

 

Номдар

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Оставить комментарий: